Бакæс æмæ базон
Дзæуджыхъæуы сбæрæг кæндзысты чиныджы æппæтдунеон бон. Сæйраг паркмæ бацæуæны, Сæрибардзинады проспекты байгом уыдзæн чингуыты армукъа. Бæрæгбон сбастой Хетæгкаты Къостайы райгуырды 160 азы бонимæ. Мадзал аразджытæ мыхуыр æмæ дзыллон фæрæзты комитет, культурæйы министрад æмæ Дзæуджыхъæуы администраци. Бæрæгбоны уазджытæн бацæттæ кæндзысты цымыдисаг программæ: викторинæтæ, равдыстытæ, Ирон театры артисттæ æмæ культурæйы колледжы студенттæ бакæсдзысты æмдзæвгæтæ. Чысыл уазджытæн та театр «Саби»-йы коллектив равдисдзæн театралон скъуыддзæгтæ. Республикæйы рауагъдæдтæ дзы сæ чингуытæ уæй кæндзысты асламдæр аргъæй. Уымæй уæлдай уазджытæн байуардзысты флаертæ. Уыдонимæ музейтæм 21 апрелы бацæуæн уыдзæн æрдæг аргъыл. Акци сараздзысты æртыккаг аз. Ныронг æй бабæрæг кодтой 7 мин адæймагæй фылдæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бакæс æмæ базон
Категория:
Новости и СМИ