Аххосджын æви æвæаххос?
«Алагиры районы мидхъуыддæгты министрады хайады кусджытæ мæ сау над фæкодтой», - зæгъы Алагиры цæрæг Чехойты Алан. 19-аздзыд лæппуйы фыды ныхæстæм гæсгæ, 26 январы æрыгон лæппумæ бадзырдтой бынæттон мидхъуыддæгты хайадмæ. Азымджын æй кодтой, кафетæй иу кæй фæкъахта, уый. Фæлæ, дам, ма дзы пъæлицæйæгтæ домдтой, цæмæй йæхимæ райса иннæ 2 давды дæр. Чехойты Алан кæйдæр аххосыл куы нæ саст, уæд, зæгъы, дам, мæ тынг фæнадтой. Лæппу сын куы нæ саст, уæд барадхъахъхънджытæн æндæр гæнæн нæ уыд æмæ йæ ауагътой сæ хæдзармæ. Фæлæ йын бафыссын кодтой. искуыдæм цæуыны бар ын кæй нæй, уый тыххæй гæххæтт. Лæппуйы цæфтæ фенгæйæ йæ бинонтæ прокурæтурæмæ бахъаст кодтой. Ныртæккæ республикæйы мидхъуыддæгты министрады специалисттæ бæрæг кæнынц хъуыддаг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Аххосджын æви æвæаххос?
Категория:
Новости и СМИ