Пъланмæ гæсгæ
Цæгат Ирыстоны хицауад хатдзæгтæ скодта экономикон фарстатыл æхсæз мæймæ куыд бакуыстой, уымæн. Сæрмагондæй æрдзырдтой бюджет куыд дихгонд æрцыд, ууыл. Æфтиæгты бæрц у 11 млрд сомы. Уый хæрдзтæй фылдæр у. Уыцы иу рæстæг дефицит у 700 милуан сомы бæрц æмæ йæ сæхгæдтой федералон къазнайы `хцатæй. Æмткъæй райсгæйæ та Цæгат Ирыстоны хæс у 10 млрд соммæ `ввахс. Афойнадыл фыст цы хæстæ не `рцыдысты, ахæмтæ республикæйæн нæй. Финансты министры фыццаг хæдивæг Дзæгъойты Алан æрдзырдта муниципалон бюджеттыл дæр. Хицауадмæ курдиат балæвæрдта цæмæй Мæздæджы районæн радих кæной уæлæмхасæн фæрæзтæ. Уый баст у бæрæгбоны мадзæлттимæ. Мæздæгыл ацы аз сæххæст уыдзæн 255 азы. Ахуырад æмæ наукæйы министр Азымты Иринæ радзырдта Абайты Васойы стипенди райсыны фæткы цы ивддзинæдтæ æрцыд, уыдоны тыххæй. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Сохъырты Альберт та бæстонæй æрдзырдта ведомстæйы кустуæттæ сæхи зымæгмæ куыд цæттæ кæнынц ууыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Пъланмæ гæсгæ
Категория:
Новости и СМИ