Мысæн мадзал

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом кодтой зындгонд ирон фыссæг æмæ поэт Чехойты Сæрæбийы мемориалон фæйнæг. Хæсты ветеран, фидæны фæлтæртæн зондамонæг, æхсæнадон архайæг æмæ аивады кусæг. Абон кадджын мадзалы æрымысыдысты йæ ном. Сæрæби у ирон æвзагыл æмдзæвгæтæй фыццаг роман чи ныффыста уый автор. Чиныг ныффысыныл куыста къорд азы. Роман æрæджы мыхуыры рацыд 300 экземплярæй. Мысæн мадзалмæ æрбацыдысты Чехойты мыггаджы, Стыр Ныхасы æмæ нæ республикæйы фысджыты цæдисы минæвæрттæ. Фыссæджы ном æрхъуыды кодтой æхсæнадон архайджытæ æмæ Цæгат Ирыстоны педагогон институты студенттæ дæр. Фæйнæг байгом кæныны бар радтой Цæгат Ирыстоны номдзыд фысджытæ Дзасохты Музафер æмæ Агънаты Гæстæнæн. Мадзал сарæзтой Сæрæбийы æфсымæр Чехойты Батрадзы хъæппæрисæй. Мемориалон фæйнæг ныффидар кодтой сывæллæтты театр "Саби"-йы къулыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Мысæн мадзал

Категория:

Новости и СМИ