Фыдæлты фарнæй æххæст
Нæ дарддæры æрмæгæн та видеокадртæ райстам дард Туркæй. Саккаг нын сæ кодтой уым цæрæг ирон адæм. Цæвиттон, кæрæдзиуыл куыд æнгом баст сты, уый фæзминаг уаид кæмæнфæндыдæр. Æрвылаз куыд æрбамбырд вæййынц æмæ сæ хуыздæр мысинæгтæ куыд радзурынц, уымæ бахæлæггæнæн ис. Афтæ та ныр дæр. Турчы алы рæттæй сæмбæлдысты бæрæг ранмæ, цæмæй феной кæрæдзийы. Æдæппæтæй баисты 200-мæ `ввахс. Æрцыдысты алы горæттæй: Анкара, Измир, Бурса, фæзындысты суанг фæсарæнтæй дæр. Сылгоймагæй-нæлгоймагæй, стырæй-чысылæй тынг æнувыд сты ахæм фембæлдтытыл. Ам фехъусынц ирон ныхас, ам банкъарынц фыдæлты туджы цавд æмæ уыдæттæй райсынц стыр æхцондзинад. Хистæртæ сæ фæдонты ахуыр кæнынц ирон æвзагыл, скæнынц ирон хæринæгтæ, радзурынц рагон таурæгътæ. Афтæмæй сæ фарн дæттынц фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Уæдæ сæ фембæлдтытæ æнæ ирон фæндырдзагъд, кафт æмæ зардæй фидаугæ дæр нæ кæнынц. Фыдæлтыккон мелодитæй бахъахъхъæнын сын цы бантыст, уыдон хъуыстысты райсомæй-изæрмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фыдæлты фарнæй æххæст
Категория:
Новости и СМИ