Арæнты сæрты хизыны ног фæтк
1-æм январæй фæстæмæ Уæрæсейы сæ тыхы бацыдысты арæнты сæрты хизыны ног домæнтæ. Сæ фæрцы ныр зынгæ фæкъаддæр уыдзæн уыцы хъуыддагæн бардæттæг гæххæттытæ райсыны рæстæг. Уыимæ сæ дæтдзысты мæйы æмгъуыдмæ нæ, фæлæ 15 бонмæ. Фæсарæнæй чи у, уыцы адæмæн дæр сæ гæххæттытæ араздзысты дыууæ мæйы нæ, фæлæ иу мæймæ. Адæмы æнцойдзинадæн ма арæнтæм хæстæг фæзуæттыл сфидар кæндзысты алыхуызон амонæнтæ æмæ нысантæ. Ног домæнтæм гæсгæ арæнты цур хæдзар кæнæ æндæр исбон кæмæн ис, уыдонмæ хъуамæ уой æмбæлгæ гæххæттытæ. Арæнхъахъхъæнæн зонæ хæдзарадон æмæ æндæр исты аразæн куыстытæ куы кæнай, уæд æртæ суткæ раздæр курдиатты гæххæтт хъуамæ бахæссай арæнхъахъхъæнæн управленимæ. Уыцы зонæмæ хауы 5 километры фæзуат. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Арæнты сæрты хизыны ног фæтк
Категория:
Новости и СМИ