Битарты Вячеслав фембæлдзæн Дыгуры районы цæрджытимæ
Битарты Вячеслав дарддæр æмбæлы Цæгат Ирыстоны цæрджытимæ. Абон нæ республикæйы сæргълæууæг бабæрæг кæндзæн Дыгуры район. Сæ фæрстытæ раттыны бар уыдзæн Хъарман-Сындзыхъæу, Къора-Урсдон æмæ Фалдоны цæрджытæн. Æмбырд уыдзæн Хъарман-Сындзыхъæуы культурæйы бынæттон галуаны. Фембæлд райдайдзæн 18 сахаты æмæ 30 минутыл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг ахæм фембæлдыдтæ аразы æппынæдзух. Битарты Вячеслав ныридæгæн бабæрæг кодта Æрыдоны, Алагиры, Мæздæджы æмæ Кировы районтæ. Цæрджыты фæрстытæ фылдæр баст вæййынц зæххытимæ. Бирæ хъæуты хæдзæрттæм дон кæлы къуылымпытимæ. Уымæй уæлдай ма адæмы тыхсын кæнынц æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ ахуырады къабæзты хъуыддæгтæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав фембæлдзæн Дыгуры районы цæрджытимæ
Категория:
Новости и СМИ