Ирыстоны раарфæ кодтой хабархæссæг фæрæзты кусджытæн
Мыхуырон продукцийы кусджытæ райсом сбæрæг кæндзысты сæ профессионалон бон. Уый агъоммæ сын раарфæ кодта нæ республикæйы сæргълæууæг. Битарты Вячеслав куыд радзырдта, афтæмæй йын æппæтдзыллон хабархæссæг фæрæзтæ æххуыс кæнынц. Бузныг сын загъта, æхсæнады риссаг фарстатыл кæй фæдзурынц, уымæй. Бæрæгбоны кадæн сын радта паддзахадон хæрзиуджытæ. Нæ республикæйы культурæйы сгуыхт кусæджы номы аккаг сси рауагъдад «Ир»-ы техникон редактор Мысыккаты Зарæ. Журналистикæмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй кады гæххæтт радта национ телеуынынад «Ирыстон»-ы сæргълæууæг Дзабиты Эльбрусæн. Хуыздæр журналистон куысты тыххæй нæ республикæйы сæргълæууæджы æрвылазон премитæ радтой æртæ адæймагæн, ноджыдæр ма 7-æн та – æхцайы премитæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ирыстоны раарфæ кодтой хабархæссæг фæрæзты кусджытæн
Категория:
Новости и СМИ