Адæмты æхсæн хæлардзинад
Хицауады, æхсæнады, æхсæнадон организациты æмæ национ-культурон центрты минæвæрттæ æрбамбырд сты Дзæуджыхъæуы нациты ахæстдзинæдты тыххæй форуммæ. Мадзал арæзт æрцыд Фæсивæды боны агъоммæ. Форуммæ æрбацыдысты уазджытæ сыхаг республикæтæй дæр. Æрдзырдтой фæсивæдон политикæйы фарстатыл, нациты æхсæн ахæстдзинæдтæ нывыл кæныныл. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм æргом ныхасы руаджы алы регионтæй фæсивæды `хсæн æмгуыстад саразын æмæ хæлардзинад байтауын æнцондæр у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Адæмты æхсæн хæлардзинад
Категория:
Новости и СМИ