Хъæдгæроны цæрæг Эдуард Григорян æмбæлгæ æххуыс æрвиты сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ

Хъæдæрмæгæй, хъæбæр гæххæттæй æмæ хъуымацæй конд фителтæй хуыздæр разынд гæххæттын. Хорз судзы, уыимæ фæздæг дæр нæ кæны. Акъопы кæнæ ныккæнды архайынмæ цырагъ сцæттæ кæныны тыххæ Эдуард Григорян алцыдæр зоны. Бахъæуы йæ консервты къоппытæ, хъæбæр гæххæт æмæ парафин. Парафин доны стайын кæны, цырæгътæ кæны цалдæр къæпхæнмæ гæсгæ. Мыдадзын цырæгътæ Эдуард æрвиты сæрмагонд æфсæддон опрецийы бынатмæ. Нæлгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй ахæм хуызы æххуыс сын æнæмæнг хъæугæ у. Цырагъ цыфæнды афон дæр ссудзæн ис. Дон схъарм кæнынæн, хæринаг стæвд кæнынæн, уæлæдарæс бахус кæнынæн æмæ уазæлтты хи батавынæн. Цырагъ фæсудзы цалдæр сахаты, фæздæдæг нæ уадзы. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты фарсмæ ахæм хуызы балæууын Эдуардæн бацамыдта Бирæгъзæнджы аргъуаны сæргълæууæг фыд Иосиф. Эдуард ма кæны хъæдæрмæджы куыст. Сывæллоны бонтæй диссаджы дзауматæ аразы хъæдæрмæгæй: чыргъæдтæ, лæгъзтæ, мигæнæнтæ, хæдзары дзауматæ æмæ дзуарынывтæ. Нывтæ дæр арвиты Сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ хæстонтæн. Афтæмæй сæ уырнынад фидардæр кæны, зæгъы нæлгоймаг. Эдуард ма хъæдæрмæгæй кæны сæрмагонд кусæнгæрзтæ. Сæ æруаджы цæттæ кæнынц æдасдзинады цæнгдарæнтæ. Цалдæр мæймæ Эдуард сцæттæ кодта дыууæ минмæ ввахс цырагъы акъоппыты пайда кæнынмæ. Хæстæгдæр рæстæг ма Сæрмагонд æфсæддон операцийы банатмæ арвитдзæн ноджы 70.

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
33 просмотра
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии