Уæлдай цæстдард
Зæронд хостæ уæй кæныны цаутæм се`ппæтмæ дæр хъæуы лæмбынæг кæсын. Уый тыххæй дзырдта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз æнæзакъонæй промышленнон продукци уæй кæныны ныхмæ тохы къамисы æмбырды. Премьеры ныхæстæм гæсгæ, зæронд хос медицинон уагдоны дзуры ууыл, æмæ рынчынæн æмбæлгæ æххуыс нæ бакодтой. Уымæ гæсгæ ахæм цаутæ æнæ цæстдардæй уадзæн нæй. Æмбырды ма ныхас кодтой хойрæгтæ æнæзакъонæй уæй кæныны фарстайыл дæр. Ацы аз Цæгат Ирыстоны таможняйы кусджытæ рабæрæг кодтой 333 ахæм цауы. Алкæцыйыл дæр дзы сарæзтой административон протоколтæ. Роспотребнадзоры кусджыты ныхæстæм гæсгæ, уагхæлдты фылдæр æрдæг сты хойрæгтæ æнæмбæлгæ уавæрты кæй дарынц, уый фæдыл. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, æхсыр æмæ нæлхыйы продукци цы куыстуæтты уадзынц, уым лабораторон цæстдард æвзæр арæзт у. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ, афæдзы райдианæй бæрнон кусджытæ байстой 480 мин авджы карз нозт æмæ 370 мин литры спъирты продукци. Уымæй уæлдай ма, æнæзакъонæй чи куыста, ахæм нозт уадзæг 9 куыстуаты æхгæд æрцыдысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæлдай цæстдард
Категория:
Новости и СМИ