Ног азы трамвай рацыд Дзæуджыхъæуы уынгтæм
Ног азы трамвай рацыд Дзæуджыхъæуы уынгтæм. Вагон срæсугъд кодтой Ног азы символтæй. Свæлыстой йæ ирд ахорæнтæй. Адæм цымыдисæй кастысты трамваймæ. Ахæм лæвар сæ зæрдæмæ фæцыд. Трамвай алы бон дæр фæцæуы алыхуызон маршрутыл. Акци ахæсдзæн зæронд Ног азмæ. Æвдисдзысты дзы ног азы тематикæимæ кинонывтæ. Бæрæгбоны ахорæнтимæ трамвай æрвылбон йæ балц райдайдзæн Хетæгкаты Къостайы номыл сæйраг парчы æрлæууæнæй. Уыимæ ма уыдзæн лæвар.