Скъоламæ барæвдз кæнын
Сывæллоны скъоламæ бацæттæ кæн. Дзæуджыхъæуы райдыдта æрвылазон хæрзадуæн акци. Цæгат Ирыстоны фæллой æмæ социалон рæзты министрад æмæ хæрзаудæн фонд «Быть добру» скъоладзаутæн æххуыс кæнынц ног ахуыры азмæ бацæттæ кæнынмæ. Ныхас цæуы æххуысхъуаг бинонтыл. Дзæуджыхъæуы 5 стыр дуканийы сæвæрдтой «хорздзинады къоппытæ». Алкæй бон дæр дзы у скъоладзаутæн тетрадтæ, кърандæстæ, ручкæтæ æмæ æндæр дзаумæттæ сæвæрын. Акци уыдзæн августы кæронмæ. Хæрзаудзæн фонд «Быть добру»-йы президент Хъуысаты Амырхан: «Ацы аз фæнд кæнæм акци республикæйы æппæт районты саразын. Фæнды нæ адæмы ргом фæкæсынхъуаг бинонтæм раздахын. Махæй цы аразгæ у, уый кæндзыстæм. Фæлæ нæ зæрдæ республикæйы цæрджытыл фылдæр дарæм. Фарон баххуыс кодтам 1500 бинонтæн. Уый та ууыл дзурæг у æмæ хæларзæрдæ адæм бирæ кæй сты. Нæ зæрдæ дарæм ацы аз дæр та республикæйы цæрджытæ хæрзаудæн акцимæ куыдфæндыйы цæстæй кæй нæ ракæсдзысты, ууыл». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Скъоламæ барæвдз кæнын
Категория:
Новости и СМИ