Фидæныл хъуыдыимæ
Скъолайæ агъоммæ ахуыргæнæдæтты профессионалон бон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады схорзæхджын кодтой рæвдауæндæтты хуыздæр хъомылгæнджыты. Арфæйы ныхæстæ сын ракодта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон æххæстгæнæг комитеты разамонæг Едзойты Марат. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъомылгæнджыты куыст бæрнон у. Царды фæндагыл фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдон æппæты раздæр бахауынц хъомылгæнджыты къухтæм. Сабитæ фыццаг зонындзинæдтæ, раст æмæ зылын циу, уый, хорз æмæ `взæр цæмæй хицæн кæнынц, уыцы хабæрттæ уыдонæй базонынц. Фылдæр рæстæг дæр ацы дæсныйадыл хæст адæмимæ вæййынц. Рæвдауæндæтты сывæллæтты ахуыр кæнынц æхсæнады цæрын базоныныл. Кадджын мадзалы фæзминаг хъомылгæнджыты схорзæхджын кодтой бузныджы фыстæджытæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фидæныл хъуыдыимæ
Категория:
Новости и СМИ