Боксæй ерыстæ ацæудзысты спорты галуан «Манеж»-ы
Боксæй ерыстæ ацæудзысты спорты галуан «Манеж»-ы. Ахæм егъау ерыстæ нæ республикæйы фыццаг хат сараздзысты. Турниры сæйраг фембæлд уыдзæн боксæй дунеон уæлахиздзауы ном хæссыны тыххæй, Боксы дунеон цæдисы хъæппæрисæй. Кæрæдзийы ныхмæ тох кæндзысты уæрæсейаг боксер Федор Чудинов æмæ Францийы минæвар Хассан Н’Жикам. Ерысты агъоммæ турниры архайджытæн уыди гом тренировкæ. Уæрæсейаг спортсмен Федор Чудинов 2 азы цæры æмæ спортæй архайы Дзæуджыхъæуы. Ахуыр æй кæны нæ республикæйы сгуыхт тренер Сланты Виталий. Уымæй уæлдай ма ерысты архайдзысты боксы ирон скъолайы иннæ ахуырдзаутæ дæр. Сæйраг фембæлды архайдзæн Ногиры цæрæг Хуыгаты Алан. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, боксæй ерыстæ ацæудзысты 13 декабры. Уый тыххæй Манежмæ ввахс уынгты хæдтулгæтæн ацæуыны бар нæ уыдзæн. Шмулевичы номыл æмæ Пушкинскийы уынгтæ уыдзысты æхгæд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Боксæй ерыстæ ацæудзысты спорты галуан «Манеж»-ы
Категория:
Новости и СМИ