Уæлæмхасæн ахуырады армукъа сарæзтой Дзæуджыхъæуы
Уæлæмхасæн ахуырады армукъа сарæзтой Дзæуджыхъæуы. Скъоладзаутæ æмæ сæ ныййарджытæ архайдтой дæсныйадæвдисæн ахуырты робототехникæйæ æмæ националон къусыл нывæфтыдтæ кæнынæй. Мадзал ма барæсугъд кодтой ирон цæгъдтытæй дæр. Кæронбæттæны та æрæвæрдтой адджинæгтимæ фынг. Аразджытæ фæнд кæнынц уæлæмхасæн урочыты нымæц фылдæр кæнын, раздахын сæм сывæллæтты æргом, фæсивæды фылдæр аивад æмæ наукæмæ æмхиц кæнын.