Уататы Бибо æмæ Годжыцаты Исахъы мысæн бон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

9 лет назад

Абон 79 азы сæххæст уыдаид Советон æмæ Уæрæсейы театр æмæ кинойы актер Уататы Бибойыл. Райгуырд 1939 азы Бæтæхъойыхъæуы. Каст фæцис Щукины номыл театралон училище, уæд йæ сæргъы лæууыд Юрий Любимов. Кинематографийы героикон æмæ эпикон рольты Бибо 50 сурæтæй фылдæр сарæзта æмæ ахъазыд. Уæрæсейы, уыимæ Цæгат Ирыстоны театралон аивады рæзтмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй йæ схорзæхджын кодтой алыхуызон хæрзиуджытæй. Ссис æгас паддзахады адæмон артисты номы аккаг. Хъыгагæн, не `хсæнæй фæхъуыд, йæ курдиат йæ тæмæны куы бацыд, уæд. Ныгæд ис Намысы Аллеяйы. Зæгъын хъæуы уый, æмæ нæ республикæйы алы рæтты ис, йæ ном ын чи хæссы, ахæм уынгтæ. Абон нæ хур уæлдай тынгдæр тавы, уымæн æмæ ма у Годжыцаты Исахъы гуырæн бон дæр. Ирон аивад чи уарзы, уымæн ацы ном дæр бирæйыл дзурæг у. Исахъ аивады къæбиц тынг фæхъæздыгдæр кодта. Йе сфæлдыстадон фæндаг райдыдта Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды ансамблы солистæй. Уый фæстæ сахуыр кодта, райста актеры дæсныйад. Йæ къухы бафтыд Цæгат Ирыстоны музыкалон-драмон театры бакусын. Арæзта алывæрсыг сурæттæ. Кæд Уататы Бибо драмон ролты хъазыд, уæд Годжыцаты Исахъ та ирд фæд ныууагъта комедион спектакльты. Фыста пьесæтæ дæр, абон дæр ма сæ фенæн ис ирон театры сценæйыл. Рæвдауынц театрдзауты зæрдæтæ. Исахъыл абон сæххæст уыдаид 88 азы. Уый дæр йе `нусон бынат ацы Аллеяйы ссардта. Абон нæ номдзыд актерты нæмттæ ссарынмæ ардæм æрбацыдысты культурæйы министр Милдзыхты Руслан, ирон театры актертæ сфæлдыстадон къорды уæнгтæ, æхсæнады минæвæрттæ. Артистты ингæнтæ уыдон саив кодтой дидинджытæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Уататы Бибо æмæ Годжыцаты Исахъы мысæн бон

Категория:

Новости и СМИ