Хорз хъуыддаг
Æппæтуæрæссон адæмон фронты уæнгтæ æфснайынц Фыдыбæстæйы стыр хæсты ветеранты ингæнтæ. Ахæм мадзал аразынц сæрмагон проектмæ гæсгæ. Абон ахæм акци сарæзтой Дзæуджыхъуы уæлмæрдтæй иуы. Хæсты архайæг Василий Суяркойы хиуæттæ курдиат бахастой республикæйы ветеранты советмæ, цæмæй хæстоны ингæнмæ сæ хъус æрдарой, уый тыххæй. Уымæн æмæ сæхæдæг ам нæ цæрынц. Уыимæ ма, бынаты рабæрæг сты æндæр дыууæ æнæзылд ингæны. Уыдонмæ дæр цыбыр рæстæгмæ базилдзысты. Мæнæ ацы цырттытæ куы агуырдтам, уæд ма ссардтам цырттытæ. Ноджы æвзæрдæр уавæры сты. Мæ уыдонмæ дæр базилдзыстæм, бафснайдзыстæм. Курдиат нæм кæй тыххæй æрбарвыстой, уый уал срæссугъд кæенæм, уый фæстæ та уырдæм бацæудзыстæм. Нæ куыст дарддæр дæр цæудзæн. Ссарæм æцæг хъæбатырты ингæнтæ. Æвæццæгæн, сæ кæстæртæ ам нæ цæрынц кæнæ йæ зонгæ дæр нæ кæнынц. Нæ бон цы уа, уымæй сын баххуыс кæндзыстæм, æфснайдзыстæм, рæссугъд дардзыстæм. Цæмæй адæм зоной, хæсты рæстæджы йæ цард чи нæ бавгъау кодта, уыдоны. Цæмæй рох ма уой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хорз хъуыддаг
Категория:
Новости и СМИ