Туризмы æппæтдунеон бон

Дмитрий Лобойко фæндагыл ныфсхаст цыд кæны. Бæлвырд æй зоны, шофыр хи куыд хъуамæ дара, фæзилæнты раст сарæхсын, балцы размæ боныхъæд хынцын. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй сæйрагдæр у æдасдзинад. Бирæ лыстæг хъуыддæгтæ дзы ис. Уыдонæй аразгæ у адæймаджы цард. Дмитрий хъæддыхæй зоны хæххон бынæттæм цæуын, уæлдай дæр та туристты æнæ цæттæгондæй ласæн нæй. Æрмæст сæрмагонд хæдтулгæ самал кæнын фаг нæу. Экскурсовод хъуамæ цыфæнды бынаты дæр сарæхсын зона, уымæй уæлдай ма æмбара йæ хæдтулгæйы гæнæнтæ, куы асæтта, уæд æй бынаты тагъд сцалцæг кæнын арæхса. Дмитрий профессионалон гид у æртæ азæй фылдæр. Ардæм æндæр къабазæй æрбацыд. Æрдз бирæ уарзы. Арæх иу цыд хæхтæм, зонгæ кодта кæмтты историимæ. Йæхи фæлвæрдта мотоспорты, бадт хæххон велосипедтыл. Иу ахæмы йæ хæлæртты курдиатмæ гæсгæ æрыгон адæймаг Цæгат Ирыстон равдыста туристтæн. Уыцы бонæй фæстæмæ уазджыты æнкъарæнтæ фенгæйæ йæ бамбæрста, ахæм æхцондзинад æй адæмæн дарддæр хæссын кæй фæнды, уый. Туристтæм алыхуызон æнкъарæнтæ фæзыны. Айнæг къæдзæхтæ, æнæвнæлд хъæдтæ, сыгъдæг уæлдæф, алыхуызон зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ - æмæ æппæт ацы хæрзтæ республикæйы астæуæй чысыл фалдæр. Бирæтæ ам фыццаг хатт сты, чидæртæ Ирыстонмæ ногæй-ногмæ ссæуынц æппæт кæмттæ фенын æмæ традицитимæ базонгæ уæвынмæ. Анастасиия Черенкова та уазæгуаты ссæуыны фæстæ ам баззад цæргæйæ. Цæгат Ирыстоны туризм æнтыстджынæй рæзы. Æрвылаз республикæмæ ссæуы сæдæгай мин адæймаджы. Сема хъуамæ, æнæмæнг кусой сæрмагонд ахуыртæ чи ацыд, ахæм специалисттæ, зæгъы Дмитрий. Нæлгоймаг йæхæдæг ныр æртыккаг курсытæ каст фæци. Ныр сси квалификациимæ гид-экскурсовод æмæ инструктор. Гидтæ йæ хъуамæ æмбарой туристтæн лæггад кæнгӕйæ сыл бæрнон хæс æвæрд кæй ис. Фыццаджыдæр, балц хъуамæ рауайа æдас, уый фæстæ та цымыдисаг.

Иконка канала IRYSTONTV
1 465 подписчиков
12+
11 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии