Беслæны æрымысыдысты Уæрæсейы хъæбатыр Джыбалаты Зауыры ном
11 азы размæ Джыбылаты Зауыр йæ цард радта адæмы терактæй бахъахъхъæныны сæраппонд. Уæрæсейы Хъæбатыры ном ссардтой Беслæны 1-æм скъолайы. Абон 8-æм "Г" къласы ахуырдзауты райстой пъæлицæйы къласмæ. Уый у Цæгат Кавказы федералон зылды Мидхъуыддæгты министрады сæйраг управленийы разамонæг Сергей Бачурины хъæппæрис. Ныр сывæллæттæм цæст дардзысты профилон бæрнады. Ацы кълас раздæр хаста Джыбылаты Зауыры ном. Ныр сæ алкæмæндæр сæрмагонд уæлæдарæс бахуыдтой. Скъоладзаутæ куыд зæгъынц, афтæмæй тынг бæллынц сæ цард барадхъахъхъæнынадимæ сбæттын. Мадзалмæ æрбацыд Джыбылаты Зауыры мад дæр. Йæ фырты Хъæбатыры Стъалы радта ведомствæйы музеймæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2012-æм азы райсомы 4 сахат æмæ 15 минутыл Чермены контролон-уадзæн пунктмæ æрбацыд хæдтулгæ. Йæ шофыры фæндыд æнæ басгæрстæй ацæуын, фæлæ йын Зауыр йæ фæндаг æрæхгæдта. Йе 'мкусджытæм фæдисмæ фæсидт. Фæлæ уыцы рæстæг фыдгæнæг рæмудзæн æрмæг схæцын кодта. Джыбылаты Зауыр бынаты фæмард. Лæгдзинад æмæ æхсардзинады тыххæй хорзæхгонд æрцыд Уæрæсейы Хъæбатыры номæй.