Битарты Вячеслав фембæлд Дыгуры районы цæрджытимæ
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Дыгуры районы цæрджытимæ. Сæргълæууæг адæмимæ æргом ныхас кæны æппынæдзух. Ныр дæр та афтæ. Æмбырды архайджытæн Битарты Вячеслав фæнысан кодта ныртæккæ хицауад йæ размæ цы хæстæ æвæры уый тыххæй. Уыимæ ма федералон программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый дæр. Уый фæстæ дзуапп радта цæрджыты фæрстытæн. Дигорайы цæрджыты фылдæр тыхсын кæны Районы рынчындоны хъысмæт. Уым дзæбæхгæнæн бынæтты нымæц фæкъаддæр. Адæм тыхсынц дзæбæхгæнæндон куы сæхгæной, уый тыххæй. Профилон министр Годжыцаты Тамерлан куыд бафиппайдта, афтмæй рынчындон æхгæд не рцæудзæн. Бынæттон цæрджытæ ма хъаст кодтой Дигорайы уынгты къахвæндæгтæ кæй нæй, уый фæдыл. Уыимæ мæ ма фæндæгтæ дæр сты æвзæр уавæры. Дондзæуæн хæтæлтæ заууатмæ æрцыдысты. Сæргълæууæгимæ фембæлынмæ æрбацыдысты Николаевскæйы æмæ Мустыздæхы цæрджытæ дæр. Мустыздæхы хъæуы цæрджыты тыхсын кæны фæсивæд сæ уæгъд рæстæг кæм æрвитой, ахæм бынат хъæуы, нæй. Республикæйы культурæйы министр Къубалты Эльбрусы ныхæстæм гæсгæ 2021 азы ацы хъуыддаг аиуаврс кæндзысты. Николаевскæйы станицæйы цæрджытæ сæргълæууæгæн радзырдтой скъолайы уавæры тыххæй. Хъæуы йæ бындуронæй сцалцæг кæнын. Уыимæ мæ ма хъæуы 3 азы онг кæуыл цæуы, уыцы сабитæн сывæллæтты рæвдауæндоны бынæттæ нæ фаг кæны. Æмбырды рæстæг цæрджыты фæрстытæн дзуапп лæвæрдтой профилон министртæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав фембæлд Дыгуры районы цæрджытимæ
Категория:
Новости и СМИ