Сергей Меняйло æмæ Сергей Назаров æрдзырдтой Мамысоны курорты арæзтадыл
Регионы разамонæг Сергей Меняйло æмæ бæстæйы экономикон райрæзты министры хæдивæг Сергей Назаров æрдзырдтой "Мамысоны" туристон-рекриацион комплексыл. Æмбырд ацыд видеобастдзинады хуызы æмæ дзы архайдтой профилон департаментты минæвæрттæ, райрæзты институт "Кавказ РФ"-ы уæнгтæ, регионалон министртæ, бæрнон ведомствæты разамонджытæ. Фыццаджыдæр, ныхас цыд объекты апрæзтады пъланыл. Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй фæзуатыл куыстытæ сæ тæмæны сты: аразынц дыууæ рæтæн фæндаджы, къахдзоныгъты трассæтæ, бирæвæрсыг центр, хæдтулгæтæ уромæн бынат æмæ сæрмагонд техникæйы гараж. Æрдзырдтой ма фæндæгтæ баиу кæныныл дæр. "Транскамæй" "Мамысоны" комплексы онг 3,8 километры дæргъæн хай афæдзы кæронмæ хъуамæ сцæттæ уа. Уыцы иу рæстæг цæуы 14 километры уадздзаджы арæзтад дæр – Дæллаг Зæрæмæджы цур хидæй "Мамысонмæ". Сæргълæуæг бафтыдта, куыстытæм кæй ис æппынæдзух цæстдард.