Пайда æмбырд
Æрыгон дæндæгты дохтырты ассоциацийы 2019 азы съезд райдыдта Дзæуджыхъæуы. Мадзалмæ ссыдысты уазджытæ æппæт Уæрæсейæ. Лекцитæ сын кæсынц 5 адæймаджы. Уыдон сты нæ бæстæйы раззагдæр ахуырадон центрты стоматологтæ. Семинармæ сæмбæлдысты 50 адæймаджы. Се `хсæн студенттæ, ординатортæ æмæ ахуыргæнджытæ. Специалисттæ сын радзырдтой дæндæгты низтæ ног дзæбæхгæнæн процедурæты тыххæй. Ахæм æмбырдтæ цæудзысты нæ бæстæйы алы горæтты. Цæгат Ирыстоны йæ сарæзтой фыццаг хатт. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Пайда æмбырд
Категория:
Новости и СМИ