Уæлахизы кадæн
Адæмон фронты бынæттон хайады минæвæрттæ та архайдтой æппæтуæрæсеон акцийы. Йæ ном – «Нæ уæлахиз». Райдыдта Санкт-Петербурджы. Дардæй дæр бæрæг чи дара, ахæм нывтæ фæзындзысты æгас бæстæйы стырдæр горæтты. Фыст дзы уыдзæн дзырд «Помним», зæгъгæ. Абонæй фæстæмæ йæ фенæн ис Дзæуджыхъæуы дæр. Сныв æй кодтой горæты хуссарварс даргъ быруйыл. Йæ аразджытæ Александр Гречаный æмæ Сергей Соколов спайда кодтой, алкæмæн зонгæ чи у, ахæм нысантæй - Æнусон арт, Георгийы лент, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдиан æмæ кæроны азтæ. Хъæппæрис æвдисджытæ ма арæх саразынц æндæр акцитæ дæр. Зæгъæм, «Лæгдзинады уроктæ» æмæ «Æнæмæлгæ полк». Уæлахизы бæрæгбонмæ хæстæгдæр та адæмон фронты уæнгтæ æмбæлдзысты скъолаты ахуырдзаутимæ æмæ сын дзурдзысты нæ хистæрты æгæрон хъæбатырдзинады тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Уæлахизы кадæн
Категория:
Новости и СМИ