Дигорайы Дзагуырты Георгийы номыл сарæзтой шахмæттæй турнир
Абон Дигорайы Дзагуырты Георгийы номыл сарæзтой шахмæттæй турнир. Цæттæгонд æрцыдис фыццаг хатт. Бацархайдтой дзы Дыгуры æмæ Æрæфы районы скъолайы ахуырдзауæ. Ацы турниры сæйраг нысан у - æрыгæтты шахмæттæй хъазынмæ сразæнгард кæнын. Сабанты Константин у Дигорайы Хуытъиаты Барисы номыл шахмæтты клубы сæргълæууæг. Кусы дзы къорд азы дæргъы. Йæ сæйраг нысан у - скъоладзауты сæрмагондæй шахмæттæй хъазын сахуыр кæнын. Абон йе 'мкусджытимæ бацæттæ кодта цымыдисаг турнир. Архайынц дзы Дыгуры æмæ Æрæфы районы скъолаты ахуырдзаутæ. Дигорайы Дзагуырты Георгийы номыл арæзт турнир скодтой фыццаг хатт. Бæстон ыл бакуыстой Дигорайы бынæттон цæрджытæ. Сæрмгондæй та хæрзаудæн фонд «Культурное наследие»-йы сæргълæууæг - Годзойты Гурам. Уый йæхæдæг кусы Дигорайы скъолайы тренерæй. Куыд нын радзырдта, афтæмæй Хуытъиаты Барис йæ цард снывонд кодта сывæллæтты хъомыладон рæзтæн. Бирæ уарзта шахмæттæй хъазын. Æмбырд кодта уыцы хъазты фæдыл бирæ цымыдисаг æрмæджытæ. Йæ цардæй куы ахицæн, уæд Дигорайы цæрджыты бафæндыд, йæ къухфыстытæ сæмбырд кæнын. Афтæмæй базонгæ сты цымыдисаг адæймагимæ. Уый разындис зындгонд шахматист. Ацы турниры бацархайдтой Дыгур æмæ Æрæфы районы скъоалаты ахуырдзаутæ. Сабанты Константин стыр куыст бакодта, цæмæй ацы турнир куыд æмбæлы, афтæ ацæуа. Йæ фарсмæ æрбалæууыдысты æмæ йын баххуыс кодтой Дигорайы бынæттон администрацийы кусджытæ, районы Стыр ныхасы хайады сæргълæууæг æмæ фæсивæды социализацийы центр. Сабанты Константин нын йæхæдæг куыд радзырдта, афтмæй ныр Дигорай цы шахмæтты клуб ис, уый æнæрлæугйæ кусы 5 азы дæргъы. Ныры онг сæ къухты бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд. Ацы турнир стыр ахъаз у рæзгæ флтæрæн. Фадат сын дæтты сæ арæхстдзинад равдисын æмæ зындгонд адæмимæ зонгæ кæнын. Къутæрты Аидæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дигорайы Дзагуырты Георгийы номыл сарæзтой шахмæттæй турнир
Категория:
Новости и СМИ