Бæрæгбоны агъоммæ
Ног Азы къæсæрыл Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг бæрæг кæны афæдзы кæроны хаддзæгтæ республикæйы районты. Бæрæгбоны арфæтæ кæны бынæттон цæрджытæн. Уымæй уæлдай ма алы къабазы кусджыты хорзæхджын кæны. Битарты Вячеслав ныридæгæн уыд республикæйы æртæ районы. Абон абалц кодта Мæздæджы, Кировы æмæ Рахизфарсы районтæм. Мæздæджы администрацийы уæнгтимæ сарæзта æмбырд. Уый фæстæ Ног азы арфæтæ ракодта сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæн. Бæлвырддæр уын радзурдзæн нæ уацхæссæг. Фыццаджыдæр республикæйы сæргълæууæг сæрмагонд æмбырды министрадты æмæ районы администрацийы минæвæрттимæ сбæрæг кодтой афæдзы хатдзæгтæ. Мæздæг 2018 азы хъæздыг уыд вазыгджын цаутæй. Æнæхъæн аз ацы районмæ уыд уæлдай цæстард. Кусæг балцтæ Битарты Вячеслав фæнд кæны мæй иу хатт аразын. Абоны фембæлды æрныхас кодтой æнæхъæн аз цы бакуыстой уый тыххæй. Социалон арæзтады объекттæй ацы аз кæцытæ не`срæвдз сты уыдон сбæрæг кодтой. Республикæйы сæргълæууæг сын бабар кодта ацы фарстатæ цыбыр рæстæгмæ куыд аиуварс кæной ,уый. Æрдзырдтой ма районы райрæзтыл дæр. Битарты Вячеслав бафиппайдта æвæстиатæй цы хъуыддæгтыл бакусын хъæуы уыдоныл. Фидæны аз Мæздæджы районæн радих кæндзысты 1 миллиард æмæ 200 милуан сомы. Сæрмагонд кусæг къорд сбæрæг кæндзæн фæрæзтæ цæуыл хардз кæндзысты уый. Абон республикæйы сæргълæууæг арфæйы ныхæстæ ракодта районы алыхуызон къабазты кусджытæн. Битарты Вячеславы æрбацыд уæлдай æхсызгон уыд сывæллæтты хæдзары хъомылгæнджытæн. Ам цæры 16 сабийы. Уыдон нæ республикæйы сæргълæууæгæн радзырдтой сæ æнтыстдзинæтты тыххæй, уымæй уæлдай ма бацæттæ кодтой концертон программæ. Æрæфы районы алы къабазты чи кусы уыцы кусджытæн ракодтой арфæйы ныхæстæ. Битарты Вячеслав схорзæхджын кодта 10 адæймаджы. Битарты Вячеславы ма суазæг кодтой Кировы районы дæр. Ам Битарты Вячеслав фæбæрæг кодта хуыздæр кусджыты. Схорзæхджын сæ кодта каджын лæвæртæй. Ахуырады æмæ хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæджы нæмттæ райстой дыууæ адæймаджы. Бирæтæ та райстой кады гæххæтытæ æмæ бузныджы фыстæджытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бæрæгбоны агъоммæ
Категория:
Новости и СМИ