Дзанайты Барис Мæскуыйы фембæлд Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады реформæйæн æххуысы фонды разамындимæ
Дзанайты Барис Мæскуыйы фембæлд Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады реформæйæн æххуысы фонды разамындимæ. Паддзахадон корпорацийы генералон директоры хæдивæг Ольга Сердюкимæ ныхас кодтой республикæйы рацаразинаг объекттæн æхцайы фæрæзтæ рахай кæныны фарстайыл. Ныртæккæ Цæгат Ирыстонæй курдиæттæ балæвæрдтой дыууæ проекты фæдыл. Нысангонд куы æрцæуой, уæд регион Национ исбонады фондæй райсдзæн æхцайы фæрæзтæ. Сæ фæрцы рацараздзысты Дзæуджыхъæуы хауæццæгтæ æмбырдгæнæн æмæ сног кæндзысты Алагиры хъармгæнæн системæ. Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады фонд Цæгат Ирыстонæн хъæугæ æххуыс кæны. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv