Кусгæ кæнут
Бынæттон хиуынаффæйады æмæ профилон министрадтæ фидæны азы бюджетыл хуыздæр бакусын хъæуы. Ахæм хæс радта æххæстгæнæн оргæнтæн æмæ бынæттон разамындæн Битарты Вячеслав. Республикæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, районты хъуамæ лæмбынæгдæр кæсой зæххыты хаццоны фиддонтæ муниципалон бюджетмæ æххæстæй куыд цæуой, уымæ. Разыйæ нæ баззад æнæзакъонæй чи кусы, уыдоны раргом кæныны къамисты куыстæй дæр. Уымæй уæлдай ма хъуамæ бæлвырдгонд уа хъалон чи фиды, уыдоны номхыгъд. Æмбырды ныхас кодтой 2024-æм азмæ Уæрæсейы рæзты программæйыл. Сты 12 проекты. Битарты Вячеслав бабар кодта, алкæмæ дæр дзы лæмбынæг æркæсын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Кусгæ кæнут
Категория:
Новости и СМИ