Ног фæлладуадзæн бынат
Æрыдоны байгом кодтой ног фæлладуадзæн бынат. Арæзт æрцыд «Иугонд Уæрæсе»-йы федералон программæмæ гæсгæ «Чысыл горæттæн парктæ». Арæзтадон куыстытæн Федералон бюджетæй радих кодтой 2 милуан сомы. Парчы сарæзтой аив къахвæндæгтæ, йæ алыварс цы быру уыди, уый ногæй баивтой, бауагътой йæм рухс æмæ йын йæ алыварс дидинджытæ ныссагътой. Сывæллæттæн дзы сарæзтой хиирхæфсæн фæз. Фæсивæдæн дзы ныффидар кодтой тренажертæ æмæ турниктæ. Бынæттон цæрджытæ паркыл тынг бацин кодтой. Йæ байгом кæныны мадзалы æрыдойнæгтæ сарæзтой концерт. Сæ арæхстдзинад дзы равдыстой зарынæй æмæ кафынæй. Æрыгæттæ та дзы ерыс кодтой велосипедыл цæуынæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног фæлладуадзæн бынат
Категория:
Новости и СМИ