Гуырдзыстоны бæллиц - Цæгат Атлантикон Бадзырдмæ гæсгæ цы цæдис сарæзтой, НАТО, зæгъгæ, уый архайæг
Гуырдзыстоны æндæр бæллиц - Цæгат-Атлантикон Бадзырдмæ гæсгæ цы цæдис сарæзтой, НАТО, зæгъгæ, уый архайæг суæвын. Йæ раздæры генералон секретарь бахатыд, цæмæй Гуырдзыстон æнæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны республикæтæй цæдисы скоднмæ бацæуа. Уый тыххæй æмæ дам, зæххыты фарстаты фæдыл быцæутæ иуварс кæнын Цæгат Атлантикон Бадзырды сæйраг домæнтæй иу у. Уыимæ ма хъуамæ Гуырдзыстон архайа домакратон реформæтыл, корупцийы ныхмæ æмæ адæмы æдасдзинады фарстатыл. Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ныр Гуырдзыстоны хицауады хъæуы ахæм курдиатмæ æркæсын. Ныридæгæн уыцы хъуыдыйы фарс чи рахæцыд, ахæмтæ ис. Парти «Европæйаг Гуырдзыстон»-ы минæвар Отар Кахидземæ уыцы хъуыды цымыдисаг кæсы. Куыд зæгъы, афтæмæй хицауад хъуамæ фарстамæ йæ хъус æрдара. Уыимæ, Гуырдзыстоны парламенты минæвар Гия Вольский та ацы хъуыддаг зыныл нымайы. Ацы фарста дзырддаг у. Хъæуы йыл бæстонæй æрныхас кæнын. Иунæг политикон парти дæр уыцы зæххытæ суæгъд кæныныл не`сразы уыдзæн. Цæмæй Гуырдзыстон кæцыфæндыдæр æппæтдунеон организацимæ бацæуа, уый тыххæй сæ хъæуы нысангонд арæнты фарс рахæцын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Гуырдзыстоны бæллиц - Цæгат Атлантикон Бадзырдмæ гæсгæ цы цæдис сарæзтой, НАТО, зæгъгæ, уый архайæг
Категория:
Новости и СМИ