140 скъолайы ахуырдзаутæ архайынц Сергей Меняйлойы лæвар рамбулыны турниры футболæй
Цæгат Ирыстоны 140 скъолайы ахуырдзаутæ архайынц республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы лæвар рамбулыны турниры футболæй. Ныртæккæ хуыздæрты æвзарынц районты. Финалы архайдзæн 12 командæйы. Уæлахиздзауты схорзæхджын кæндзысты кубоктæ, майдантæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Регионы сæргълæууæджы уынаффæгæнæг Гæззаты Юрий пресс-конференцийы æрдзырдта футболы рæзтыл Ирыстоны. Ерысты сæйраг нысан — сывæлæтты спортмæ æмхиц кæнын. Финал фæнд кæнынц футболы академи «Алани»- йы саразын. Ахæм турнир фæнд кæнынц баскетбол æмæ футболæй аразын дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv