Телеуынынады истори

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Куыд федтат, афтæмæй уын информацион технологиты руаджы нæ бон æндæр бæстæйы цæрæг ирон адæмы равдисын у. Афтæмæй та ссæдз азы размæ, зæгъæм, чырæгон телефон диссагæн дзуринаг дзаума уыд. Уæдæ телеуынынадæй дæр цы зæгъдзынæ. Уымæн дæр абон, зæгъæн ис, æмæ йæ гуырæн бон у. Советон Цæдисы централон телеуынынад равзæрд 22-æм мартъийы 68 азы размæ. Кусын райдыдта Мæскуыйы телецентры бындурыл, министрты советы бадзырдмæ гæсгæ. Фыццæгты централон телестуди фæлгæсыд æрвылбон Мæскуы æмæ Ленинграды цæрджытыл. Ивгъуыд æнусы 50-æм азты кæрон советон телеуынынад сси æппæтцæдисон. Афтæмæй райдыдта Уæрæсейы телеуынынады истори. 1964-æм азы спутникон бастдзинады фæрцы Советон Цæдисы цæрджытæ фыццаг хатт федтой Токиойы олимпаг хъæзтытæ. Афæдз фæстæ бастдзинад фæзынд Мæскуы æмæ Владивостокы `хсæн. 1966-æм азы та Парижæй Мæскуымæ æрбацыд фыццаг хуызджын сигнал. Фæлæ хуызджын телеуынынад Советон Цæдисы фæзынд афæдзы фæстæ, 1967-æм азы Мæскуыйы, Останкинойы телецентр куы байгом, уæд. Телеуынынады ахадындзинад абарæн ницæимæ ис. Цыфæнды хабар, цыфæнды ногдзинад дæр, æппæты фыццаг базонæн ис уым. Уыцы хæс нæхицæн сæйрагдæрыл нымайæм мах дæр. Хъуамæ республикæйы цæрджытæ хабæрттæй иппæрд ма уой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Телеуынынады истори

Категория:

Новости и СМИ