Дзæуджыхъæуы уыд республикæйы Парламеты Советы æмбырд

Сидзæртæ æмæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæй æвæгæсæгæй цы сывæллæттæ баззадысты, фыццаджыдæр уыдонæн цæрæнбынæттæ æмæ сертификаттæ раттыныл æрдзырдтой Парламенты Советы. Хъæппæрисы фарс депутаттæ рахæцыдысты. Ноджы ма æркастысты хъыгдард æнæниздзинадимæ æрыгон фæсивæдæн дыккаг кусæг дæсныйад лæвар райсыны фарстамæ. Уыдонæн ма снысан кæнынмæ хъавынц сæ ахуыры рæстæгмæ фиддонтæ, стæй ма сын радих кæнинаг сты фæрæзтæ ахуыргæнæн ӕрмӕджытӕ æмæ къæнцыларон гӕрзтӕн. Æмбырды ма ныхас кодтой паддзахадон цæрæнуатон æмæ архитектурон-арæзтадон цæстдарды службæйы тыххæй. Ацы ведомство ма кæсы разамынддæттæг компаниты куыстмæ дæр. Нæ регионты уыдон сты 70. Бирæфатерон хæдзæрттæ æмткæй райсгæйæ сты 2920. Уыдонæй 1619 сты разамынддæттæг компаниты бæрны. Ацы азмæ ведомствойы специалисттæ пъланæй уæлдай сарæзтой 70 басгæрсты. Уыдон иууылдæр уыдысты хæдзæртты цæрджыты курдиаттæм гæсгæ. Байгом кодтой 32 административон хъуыддаджы. Иу млн сомæй фылдæр сыстад ивар. Ахæм басгæрстыты фæрцы ма рабæрæг, дæсны кусджытæ кæй нæ фаг кæны, уый. Нæ бæстæйы ахæм организацитæн специалисттæ цæттæгæнæн системæ нæй, фæбæрæг кодтой æмбырды. Республикон Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз бабар кодта ацы къабазы федералон æмæ регионалон закъондæттынад фæхуыздæр кæныны фæдыл хъæппæристæ бацæттæ кæнын. Иннæ регионты ацы куыст куыд арæзт у, уый дæр базонын. Сæйраг хæс у республикæйы цæрджытæн æнцонвадат уавæртæ æмæ хæрзхъæд лæггæдтæ аразын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 462 подписчика
12+
61 просмотр
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии