Ног бæрзæндтæм
Цæгат Ирыстоны Паддзахадон Университеты ректор Огъуаты Алан фембæлд журналисттимæ. Республикæйæн фаг æмæ хъæугæ специалисттæ цæттæ кæнын - у ахуыргæнæндоны разамынды сæйрагдæр хæстæй иу. Уымæ гæсгæ, университеты фæзындзæн ног дæсныйæдтæ. Уæлдайдæр та - инженерон æмæ технологон. Фæзындзæн амалхъомдзинады æмæ разамынды факультет. Байгом æй кæндзысты амалхъомдзинады рæзты корпорацийы æххуысæй. Университеты ма фæзынд иу цæттæгæнæн хайад - кибербезопасность, зæгъгæ. Йæ хæс у - зонадон æмæ иртасæн проекттæн баххуыс кæнын."Лаборатория Касперского"- кæй хонынц, уыимæ æмгуыстад студенттыл æмæ æхуыргæнджытыл хуыдзæрырдæм фæзындзæн. Фæззæджы университеты байгом кодтой ядерон иртæстыты иугонд институты информацион центр. Уæрæсейы хуссарварсы у фыццаг. Уæлдæр ахуыргæнæндæттæ æмгуыстад кæнын райдыдтой радиацион биологийы æмæ экологийы къабазы. Уыимæ ма, иннæ аз университеты байгом кæндзысты æфсæддон ахуырадон центр. Йæ рауагъдонтæн дæтдзысты æфсæддон билеттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ног бæрзæндтæм
Категория:
Новости и СМИ