Проектон офисы архайд
Битарты Вячеслав сарæзта æмбырд проектон офисы архайды фæдыл. Æмбырды райдиан республикæйы сæргълæууæг йе `ргом аздæхта, республикæйы райрæзты агентад кæй сарæзта, уыцы Проектон офисимæ баст ахсджиаг фарстатæм. Сæ иу - республикон программæтыл, куыд æмбæлы, афтæ бакусын. Æмбырды ма архайдтой республикæйы вице-премьертæ Сæбæтхъуаты Æхсарбег æмæ Анатолий Поляков дæр. Сæрмагондæй республикæйы разамонæг бахæс кодта фæндаггон картæты куыст банывыл кæнын. Картæйы хъуамæ бæлвырдæй фыст уой хæслæвæрдтæ, æхцайы фæрæзтæ цас ахадгæйæ хардзгонд цæудзысты, уый, стæй сын дзуапп чи дæтдзæн, уый дæр. Программæты цæттæдзинадмæ хъæуы уæлдай цæстæнгас аздахын. Зæгъæм, алы программæйæн дæр хъуамæ уа дæлпрограммæ: "Хъæууон хæдзарады райрæзтæн"- "Фосдарынад", "Хъæууон хæдзарадон культурты куыст кæнын" æмæ "Продукцийыл бакуыст". Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, республикæйы райрæзты агентад 2017-æм азы июлы арæзт кæй æрцыдис. Йæ амидингæнæг уыдис Битарты Вячеслав. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Проектон офисы архайд
Категория:
Новости и СМИ