Парти «Иугонд Уæрæсе» скодта æвзæрстыты хатдзæгтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Икъаты Русланбегы равзæрстой Дзæуджыхъæуы минæвæртты æвдæм æмбырды спикеры бынатмæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой парти «Иугонд Уæрæсе»-йы уæнгтæ журналисттимæ фембæлды рæстæг. «Иугонд Уæрæсе» фæуæлахиз Дзæуджыхъæуы æвзæрстыты. Партийы регионалон хайады секретарь Ортабайты Тимур фехъусын кодта хъæлæскæныны кæронбæттæн бæрæггæнæнтæ. Афтæмæй партийыл схъæлæс кодта цæрджыты 45 æнæхъæн æмæ 24 сæдæйæм хайы проценты. Нысангонд 32 мандатæй Иугонд Уæрæсемæ ис 20. Иумандатон зылдты парти райста 13 бынаты. Партийы номхыгъдмæ гæсгæ та 7. Адæм афтæ кæй схъæлæс кодтой, уый Ортабайты Тимуры ныхæстæм гæсгæ баст у, ахадгæ куыст кæй бакодтой, уыимæ. Кандидатты номхыгъды ис Калоты Виталий, Икъаты Русланбег, Таймæзты Артур. Æдæппæтæй парти «Иугонд Уæрæсе» снысан кодта 36 кандидаты. Депуттатæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй сын æхсызгон у, æрыгон адæм кæй схъæлæс кодтой, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Парти «Иугонд Уæрæсе» скодта æвзæрстыты хатдзæгтæ

Категория:

Новости и СМИ