Дзанайты Барис фембæлд акционерон æхсæнад «ДОМ.РФ»-ы минæвæрттимæ
Дзанайты Барис фембæлд акционерон æхсæнад «ДОМ.РФ»-ы минæвæрттимæ
Нæ республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис фембæлд акционерон æхсæнад «ДОМ.РФ»-ы регионалон рæзты разамонæг Владислав Сабуров, федералон исбонæй пайда кæныны къабазы разамонæг Александра Озолина, стæй «Банк ДОМ.РФ»-ы корпоративон базарады хуссар регионалон центры директор Максим Шатькоимæ. Фембæлды ма архайдтой республикæйы дзуапдæттæг министртæ æмæ арæзтадон компаниты разамонджытæ. Ныхас цыд цæрæнуæтты арæзтады проектæн фæрæзтæ агурыныл æмæ ипотекæты тыххæй. Дзанайты Барисы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ арæзтадон компанитæн нæ республикæйы тынг æххуыс кæнынц. Уый тыххæй пайда кæнынц куыд федералон, афтæ регионалон æххуысы гæнæнтæй. ДОМ.РФ-имæ дæр Цæгат Ирыстон аразы бирæ иумæйаг проекттæ. Сæ сæйрагдæр у Дзæуджыхъæуы мастер-пълан. Уым нысангонд сты горæты рæзтæн æппæт хъæугæ мадзæлттæ. Владислав Сабуров куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй, æмткæй райсгæйæ, се 'хсæнад 2023-æм азы кæронмæ хъуамæ сараза цæрæнуæтты 100 МЛН квадратон метры. Уымæ гæсгæ ацы хъуыддаджы ДОМ.РФ регионты æххуысмæ тынг æнхъæлмæ кæсы.