«Алайнаг фыранчытæ» 9:4 хыгъдимæ фæуæлахиз сты «Пионер»-ыл
«Алайнаг фыранчытæ» 9:4 хыгъдимæ фæуæлахиз сты «Пионер»-ыл, Хъырымæй командæйыл. Хыгъд байгом кодтой мах спортсментæ. Фыццаг периоды ныхмæллæууæджы дуæртты шайбæ бакъуыртта Хæситы Махар. Хъазты рæстæг æдæппæтæй бакодта 5 голы. Дыууæ шайбæйы дуæрттæм арвыста Æлбегаты Хетæг. Фæйнæ иуы та Олег Аксенов æмæ Хъæцлæуты Давид. Хъазт хуымæтæг нæ рауад. Æртыккаг периодмæ командæтæ хъазыдысты 4:4 хыгъдимæ. Фæлæ «Алайнаг фыранчытæ» разындысты тыхджындæр. Фæсивæдыл тыхстысты сæ хиуæттæ æмæ хæлæрттæ. Æрæджы ма Ихын аренæйы ацыд иу хъазт. «Алайнаг фыранчытæ» фембæлдысты хоккæйы клуб «Сочи»-имæ. 7:4 хыгъдæй рамбылдта «Сочи». Хъырымы «Пионер»-ы кæй рамбылдтой уый руаджы Цæгат Ирыстоны командæйæн фадат фæцис Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты кæронбæттæны архайын. Ерысты архайдзысты 2006-æм азы гуырд спорсментæ. Финал уыдзæн мартъийы. Командæ ныридæгæн йæхи бæстонæй цæттæ кæны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Алайнаг фыранчытæ» 9:4 хыгъдимæ фæуæлахиз сты «Пионер»-ыл
Категория:
Новости и СМИ