Хуссар Ирыстоны 37 аздыд нæлгомагæн сарæзтой стæм операци

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Медицинæйы къабазыл дæр æрхæцыд нæ цæст. Хуссар Ирыстоны 37 аздыд нæлгомагæн сарæзтой стæм операци. Нырыккон домæнтæм гæсгæ, зыныл нымад у. Ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстоны цæрæг æвæстиатæй бахауд рынчындонмæ. Дохтыртæ йæм æркастысты, рабæрæг æм кодтой уæззау низ. Уый тыххæй бахъуыд операци скæнын. Хабары тыххæй бæлвырддæр - нæ дарддæры æрмæджы. Спайда дзы кодтам Хуссар Ирыстоны телерадиокомпани "Ир"-æй ист кадртæй. Хубежты Сосланы æвæстиатæй реанимацион хайадмæ аластой. Уый хæдфæстæ дохтыртæ консилиум сарæзтой. Æмбæлгæ иртæстыты фæстæ йæм рабæрæг перикардит. Йæ зæрдæ хъыгдард баййæфта. Зæрдæйы дон фæфылдæр 2 литры. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ та нормæйыл нымæд у 50 мл. Зæрдæйæ дон аиуварс кæнынæн операци скодта Кокойты Маирбег. Кокойты Маирбег, Республикон бирæпрофилон медицинон центры директор: «Зæрдæйæ тынг бирæ дон аиуварс кодтам. Кæд æмбæлгæ бæру у 50-70 мл, уæд мах та цалдæр суткæмæ 2 литрæй фылдæр тæнгъæд аиуварс кодтам зæрдæйæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ зæрдæйы райдыдта цæуын уæззау ивддзинæдтæ. Абон нæ бон зæгъын у æмæ рынчыны уавæр фæхуыздæр. Æнæ æххуысæй йæ бон цæуын у». Кардиологийы хайады специалисттæ цыбыр рæстæгмæ раст раиртæстой рынчыны низы ахаст. Кокойты Маирбег: «Хæрзæрджы нæ центры райдыдтам эхокардиоскопия кæнын. Уый у зæрдæйы УЗИ. Нæ куысты нын стыр æххуыс фæци низ раиртасынмæ, стæй дарддæры куысты дæр». Республикон бирæпрофилон медицинон центры ахæм операци скодтой фыццаг хатт. Дохтырты къухты бафтыд адæймаджы цард фервæзын кæнын. Къороты Светланæ, Республикон бирæпрофилон медицинон центры кардиологийы хайады разамонæг: «Раздæр нæм ахæм уавæры рынчын никуы ма уыдис. Республикæйæ арвитыныл не сразы ис. Фæлæ мах хъуыдымæ гæсгæ, афтæ хуыздæр уыдаид, уымæн æмæ йæ уавæр уæззау уыдис. Нæ центры директор ын йæ зæрдæйæ 300 мл онг тæнгъæд аиуварс кодта. Фылдæр дзы айсæн нæ уыдис, уымæн æмæ цæй аххосæй дзы фæзынд æмæ цас рæстæгмæ, уый нæ зыдтам». Хуссар Ирыстоны дохтыртæн æххуыс кодта Донецкы адæмон республикæйæ дохтыр Андрей Колесников. Æвæстиат æххуыс æмæ реаниматологы руаджы Сосланæн цæрынæн ныфс фæзынди. Къороты Светланæ: «Фæбæрæг кæнын мæ фæнды, Колесников профессор, наукæты доктор кæй у, уый. Куыд загъта, афтæмæй Донецкы ахæм операцитæ æрмæст кардиохирургтæ фæкæнынц. Хуымæтæг операци нæу. Кокойты Маирбегæн куы загътон операци скæнын бафæлварын, уæд уайтагъд дæр сразы ис. Колесников дисы бафтыд, куыд арæхст æвнæлд кодта Маирбег, уымæй». Ныртæккæ рынчыны æнæниздзинады уавæр фæхуыздæр. Фæлæ, цæмæй æххæстæй сдзæбæх уа, уый тыххæй хъуамæ рынчындоны махъуамæ иуцасдæр йæ рæстæг ам арвита. Дыууæ къуырийы фæстæ Хубежты Сосланы арвитдзысты Мæскуыйы кардиорематологон центрмæ. Цæмæй йын йæ уавæрмæ лæмбынæгæй æркæсой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хуссар Ирыстоны 37 аздыд нæлгомагæн сарæзтой стæм операци

Категория:

Новости и СМИ