Хуымæллæджы театралон къорд барухс кодта хистæрты зæрдæтæ
«Узæлд»-ы цæрджытæн сæ изæр æцæг бæрæгбонау рауад. Уазæгуаты сæм ссыдысты Хуымæллæджы театралон къорды архайджытæ. Афтидкъухæй, мыййаг, нæ! Æхсызгон лæваримæ. «Узæлд»-ы цæрджытæн сластой спектакль. Уæдæ карджын адæмæн сæ зæрдæйы хъарм дæр нæ бавгъау кодтой. «Æрæджиауы хорзæх» - афтæ хуындис дыууæархайдон комеди. Йæ мидис - йæ иунæджы цардæй чи стыхстис, ахæм нæлгоймаг æмæ сылгоймаг æнæнхъæлæджы сæмбæлдысты. Иумæ сын æнцондæр кæй у, уый бамбæрстой æмæ сæ царды фæндæгтæ баиу кодтой. Ацы спектакль къорд хуымæтæджы нæ равзæрстой. Æрæджы йæ театралон цæдисы фестивалы банымадтой хуыздæрыл. Спектаклæй «Узæлд»-ы цæрджыты зæрдæтæ схъарм кæныны хъæппæрис разынд къордмæ. Сæ разамонæг Айларты Асæхмæт дæр сæ хъуыдыйыл дыууæ нæ загъта. Ацæргæ адæймаг дам сывæллонæй уæлдай нæу. Сайын æмæ се `нкъарæнтæ `мбæхсын нæ зонынц. Афтæ рауад ацы изæр дæр. Ацы дзæбæх нанатæ æмæ бабатæн спектакль сæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Хуымæллæджы театры къордæй баззадысты тынг бузныгæй. «Узæлд»-ы цæрджытæй уæлдай ма театралон къордæй разыйæ баззадысты хæдзары разамынд дæр. Се `рвылбоны зын хæстæ сын артисттæй кæцыдæр хай сæхимæ райстой. Хистæрæн балæггад кæнынæй зæгъæм. Фыдæлтæй баззад ацæргæ адæймагæн стыр аргъ æмæ кад кæнын. Уæлдайдæр та, йæ царды фæндаг æнцон кæмæн нæ рауад æмæ йæ хъысмæт хинæй кæуыл рацыд, уыдонæн. Хуымæллæджы театралон къордæн хистæрты зæрдæтæ барух кæнын бантыст. Кæй ма фембæлдзысты æмæ сæ хъæппæрис фæзминаг кæй рауайдзæн, уый фæнды сæ дыууæты дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуымæллæджы театралон къорд барухс кодта хистæрты зæрдæтæ
Категория:
Новости и СМИ