Транспортон фыдбылызты нымæц фæкъаддæр
Цæгат Ирыстоны 2019 азы транспортон фыдбылызты нымæц фæкъаддæр. Афтæмæй Уæрæсейы регионты `хсæн нæ республикæ бацахста 34-æм бынат. Проценттæм гæсгæ хъуыддагмæ куы ’ркæсæм, уæд 2019 азы транспортон фыдбылызтæ 7,5% фæкъаддæр сты 2018 азимæ абаргæйæ. Афтæмæй 2019 азы алы 100 мин хæдтулгæйыл æрцыд 313 фæндаггон фыдбылызы. Бынаты хъыгдæрд чи баццæфта, уыдоны нымæц хынцгæйæ та 100 мин адæймагæй цæфтæ райстой. Транспортон фыдбылызты уавæр хуыздæр у Цæцæны республикæйы, Чукотскы автономон зылды æмæ Свердловскы облæсты. Æмткæй райсгæйæ, æппæт бæстæйы бæрæггæнæнтыл куы дзурæм, уæд 2019 азы, хъыгагæн, æрцыд 164 мин æмæ 4 фæндаггон фыдбылызы. Уый 2018 азимæ абаргæйæ у 2,2% къаддæр. Арæх фæндаггон фыдыблызтæ кæй æрцæуынц, уымæн аххосаг вæййы хæдзарон фос. Уый хыгъд, паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ иртасынц хицæн бæрæггæнæнтæ. Цавæртæ сты, уымæ ма байхъусут. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Транспортон фыдбылызты нымæц фæкъаддæр
Категория:
Новости и СМИ