Коррекцийы центр "Ир"-ы æрвылаз цæуы реабилитацийы курс
Цыппаркъахыг хæлæрттимæ Уазæгты Эльдар рагæй у лымæн. Коррекцийы центр "Ир"-ы æрвылаз цæуы реабилитацийы курс. Уырдæм хауы иппотерапия дæр. Алы ахуырмæ дæр æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсы. Дзæуджыхъæумæ ссæуынц Лескенæй. Мадзал аххæсы æрдæг сахат. Сывæллæтимæ вæййынц хистæр кары æртæ адæймаджы. Иу дзы кæны бæхы, иннæ хъахъхъæны пациенты, æртыккаг та — иппотерапевт. Уый дæтты сæрмагонд амынддзинæдтæ: раст бадын, хиуыл хæцын. Афтæмæй сывæллон нал фæтæрсы, фæныфсджын вæййы. Иппотерапийы фылдæр архайынц церебралон параличимæ сывæллæттæ. Пайда у аутизимимæ сабитæн дæр. Дзырдæн, бæхтæ дæр цæуынц ахуыртæ, афæдзæй суанг цалдæр азы онг. Ахсджиаг у, цæмæй уой сабыр. Центр "Ир"-ы ис дæс бæхы, се 'ппæт дæр сты терапийæйыл ахуыр. Иппотерапийы иу курс цæуы дыууæ къуыри. Иу фæлтæры вæййы 25 пациенты. Афæдзы дæргъы центр "Ир"-ы вæййы цыппар. Архайын дзы йæ бон у æртæ азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæн