Хуссар Ирыстоны ахсджиаг социалон объекттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдар Пухаты Эрик та бабæрæг кодта социалон объектты арæзтадон куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый. Бабæрæг кодта Зауы цы ног бирæуæладзыгон хæдзар аразынц, уый. Йæ балцæй разыйæ баззад æви нæ уый сбæрæг кодта ме мкусæг Уазиты Зæлинæ. Спайда кодтам Паддзахадон телерадиокомпани «ИР»-æй ис кадртæй. Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдар Пухаты Эрик æркаст республикæйы социалон бæстыхæйтты арæзтадмæ. Фыццаджыдæр премьер йе `ргом раздæхта Зауы поселоччы цы 3 уæладзыгон хæдзар аразынц уымæ. Æдæппæтæй дзы уыдзæн 18 фатеры. Ныртæккæ кусджытæ аразынц фæстаг уæладзыг. Уымæй уæлдай ма бавнæлдтой мидæггаг куыстытæ кæнынмæ дæр. Фыццæгæм уæладзыгы ауагътой газы хæтæлтæ. Арæзтадон куыстуаты прораб Остъаты Инал куыд радзырдта, афтæмæй цалдæр боны фæстæ бæстыхаймæ бауаддзысты электрон тых æмæ доны хæтæлтæ дæр. Арæзтадон объекты куыстытæ æххæст кæнынц фæткмæ гæсгæ. 10 августмæ фæнд кæнынц хæдзары æддаг бакастмæ зилын райдайын. Пухаты Эрик ма федта Зауы ма цы спортивон зал аразынц уый дæр. Объект фæзынд районы администрацийы хъæппæрисæй. Хицауады сæрдар ма бабæрæг кодта Къвайсайы сæйраг уынгтæ. Ныртæккæ уыдон цалцæг кæнынц сæрмагонд инвестицион программæмæ гæсгæ. Куыд сбæрæг афтæмæй кусджытæ Хетæкгаты фырты номыл уынджы къуылымпыдзинæдтыл сæмбæлдысты. Проектмæ гæсгæ зæххы бын цы хæтæлтæ цæуынц, уыдон сног кæнынмæ нæ хъавыдысты. Фæлæ аивгæнæн куыстытæ куы райдыдтой, уæд хæтæлтæ аскъуыдысты. Уымæ гæсгæ асфальты уæлцъар сæвæрæн нал уыд. Пухаты Эрик бабар кодта, цæмæй арæзтадон куыстытæ цæуой фæткмæ гæсгæ. Уымæй уæлдай ма сæ хæрзхъæддзинадмæ зæрдæ ма æхсайа. Пухаты Эрик ма федта Везуры хъæуы донцъирæны арæзтад. Куыстæ куыд цæуынц уымæй разыйæ баззад. Балцы кæронбæтæнны Премьер республикæйы арæзтады министрæн бабар кодта, цæмæй арæзтадон объекттæм йæ хъус дара. Æппæт куыстытæ æххæст кæной пъланмæ гæсг. Сæйрагдæр у сæ хæрхъæддзинад. Уазиты Зæлинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хуссар Ирыстоны ахсджиаг социалон объекттæ

Категория:

Новости и СМИ