УФ-йы дæттын райдайдзысты электрон хуызы дипломтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæттæ фæнд кæнынц 2021-æм азмæ дипломтæ электрон хуызы дæттын райдайын. Куыстдæттджытæн дæр уæд фадат уыдзæн документмæ æнцонæй кæсынæн. Уый тыххæй хъусын кæны газет "Известия" ахуырад æмæ наукæйы министрады пресс-службæйы ныхæстыл æнцайгæйæ. Ног хуызы диплом дæттын райдайдзысты 5 университеты. 15 университеты та ма фидæны азы `мгъуыдмæ ацы ногдзинадмæ сæхи бацæттæ кæндзысты. Ахуырад æмæ наукæйы министрады куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ахæм диплом уыдзæн нымæцон портфолиойы хай. Нысангонд дзы уыдзысты практикæтæ, спортивон æмæ æндæр æнтыстдзинæдтæ, наукон иртæстыты хатдзæгтæ æмæ дæсныйад уæлдæр кæныны курсытæ. Нымæцон резюметæ фæзындзысты ацы аз сайт «Современная цифровая образовательная среда», зæгъгæ, уым. Амынд ма куыд у, афтæмæй ацы куыст дарддæр дæр рæздзæн нымæцон университетты арæзтимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

УФ-йы дæттын райдайдзысты электрон хуызы дипломтæ

Категория:

Новости и СМИ