Æвдай азы æрдзы уавæрыл мæт кæнын
Йæ равзæрды бон сбæрæг кодта æрдз хъахъхъæныны æхсæнады Цæгат Ирыстойнаг хайад. Кадджын мадзалы архайдтой уæрæсейаг æрдзхъахъхъæнынады департаменты регионалон хайады минæвæрттæ, стæй сыхаг республикæты делегацитæ. Æмбырды æрдзырдтой комитеты куысты вазыгджын цаутыл. Æрдзон уавæртæ фæхуыздæр кæныны æмæ алфамбылæйтты сыгъдæгдзинад бахъахъхъæныны тыххæй æхсæнады кусджытæ саразынц алыхуызон мадзæлттæ. Зайæгойтæ бахъахъхъæныны охыл скæнынц акцитæ. Æрдз хъахъхъæныны хъуыддагмæ стыр æвæрæн кæй бахастой, уый тыххæй дыууæ адæймагæн радтой Ирыстоны Намысы майдантæ. Сæ хицæуттæ систы хæххон металлургон институты экологийы кафедрæйы разамонæг Æлборты Иван æмæ медицинон академийы акушерты æмæ гинекологийы кафедрæйы разамонæг Цæллагты Ларисæ. Иуæндæсæй та райстой кады гæххæттытæ æмæ арфæйы фыстæджытæ. Дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæн дзы сарæзтой сфæлдыстадон æркаст. Уæлахиздзаутæн раарфæ кодтой æмæ сын радтой кады гæххæттытæ. Фыццаг бынат дзы бацахста не 'мкусæг Æлбегаты Генриеттæ дæр. Æхсæнады уæнгтæн арфæ ракодта нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æрдзхъахъхъæнджытæ кæнынц зын, фæлæ ахсджиаг куыст. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æвдай азы æрдзы уавæрыл мæт кæнын
Категория:
Новости и СМИ