РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы базонгæ кодтой ног проекттимæ
Цæгат Ирыстоны саразынвæнд кæнынц Ботаникон дыргъдон. Сæрмагод проект республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы размæ рахаста амалхъом адæймаг Тасойты Аленæ. Уый ныр 12 азæй фылдæр кæны зайæгойты куыст. Йæ питомниккы ис зайæгойты 743 хуызы. Проектмæ гæсгæ ботаникон дыргъдоны уыдзæн декоративон æмæ дыргъдӕттӕг культурæтæ дунейы алы къуымтæй -- Япони, Америкæ æмæ æндæр фæсарæйнаг бæстæтæй. Сæрмагонд зонæ рахай кæндзысты Кавказæн. Сергей Меняйлойы фидарӕй уырны, ботаникон дыргъдон уарзон бынат кӕй суыдзæн, канд республикæйы цæрджытæн нæ, фæлæ ма регионы уазджытæн дæр, уый. Проектыл æрдзурдзысты республикæйы раз инвестициты советы æмбырды. Йемæ куы сразы уой, уæд горæты разамынд цæттæ у Балтайы зæххытӕй 8 гектары рахай кæнынмӕ. Ноджы ма иу проект «Солнечный пояс Алании», зæгъгæ, рæгъмæ рахаста туризмы комитеты сæрдар Кодзаты Зауыр. Туристон маршрут 300 км дæргъæн райдайдзæн Дзæуджыхъæуы, цæуы Цми, уый фæстæ Тæмискъ, уырдыгæй Буронмæ. Буронæй Цъæймæ, Мамысонмæ, Нар æмæ Хохы Дыгуры фӕвӕййы. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй туристон балцвæдтæ хъуамӕ дзуапп дæттой домæнтæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv