Дигорайы сцалцæг кодтой аивæдты скъолайы ног бæстыхай
Дигорайы аивæдты скъолайы бæстыхайыл цæуы æнусæй фылдæр. Уал азы дæргъы бындуронæй цалцæггонд никуы уыд. Æмæ сын кæд сӕ къухы бирæ ӕфты, уæддæр къуылымпыдзинæдтæ дæр æййафынц. Бæстыхай æрцыд заууат уавæрмæ. Ныр фарстайыл бакуыстой. Ног азы райдиан скъолайы архайд раивдзысты стыр, райдзаст бæстыхаймæ. Уый фæрцы сæ авналæнтæ дæр фæуæрæхдæр уыдзысты — байгом кæндзысты ног хайæдтæ. Аивæдты скъола бабæрæг кодта ме 'мкусæ Дзæдзойты Фатимæ. Стыр композиторты уацмысмыстæм ацы ран кæсынц æндæр цæстæй. Нотæтӕм гӕсгӕ ахуыр кæнгæйæ сæвзæры сфæлдыстадон атмосферæ дæр. Аивæдты скъолайы бæстыхайы кæдфæндыдæр ис фехъусæн сывæллæтты аив æмæ бæрзонд хъæлæстæ. Музыкæйыл сабибонтæй фӕстӕмӕ сты æнувыд. Дигорайы сывæллæтты аивæдты скъола у республикæйы рагондæртæй иу. Ис ын хъæздыг истори æмæ традицитæ. Йæ рауагъдонты тыххӕй дæр ам дзурынц сæрыстырæй. Суанг фыццаг азтӕй фæстæмæ ахуыргæнæндоны бындур сæвæрдтой дæсны педагогтæ. Ныр уыцы профессионализмæй хайджын сты æрыгон ахуыргæнджытæ дæр. Сывæллæттимæ кусгæйæ пайда кæнынц нырыккон ахуырадон методикæтæй дæр. Бериты Азæ музыкалон скъолайы къæсæрæй фыццаг хатт бакъахдзæф кодта 54 азы размæ. Йе 'мгæртты 'хсӕн кæдфæндыдæр бӕрӕг дардта йӕ дæсны организацион миниуджытæй, алы хъуыддагмæ дӕр каст сфæлдыстадон цæстæнгастæй. Скъолайæн дæр уый фæрцы сси йӕ фыццаг директор. Скъолайæн ис бирæ æнтыстдзинæдтæ, фæлæ ныртæккæ æййафы къуылымпыдзинæдтæ. Æнусон бæстыхай æрцыд заууат уавæрмæ. Хъæуы йæ бындуронæй рацаразын. Уал азмæ йӕ хъæдын цæджындзтæ бамбыд сты, цар æмæ къултæ ранæй-рæтты афаз сты. Уый хыгъд, хъомылгæнинæгты нымæц та афæдзæй-афæдзмæ рæзы. Чысыл кабинетты сын у къуындæг. Фарстайыл бакуыстой. Сабиты ахуыр кæндзысты парахат бæстыхайы. Цыппаруæладзыгон бæстыхайы алцыдæр сног кодтой. Базылдысты йын йе 'ддаг бакастмæ, саив кодтой кабинеттæ мидæгæй, системæтæ сног кодтой, сæвæрдтой дзы ног сценæтæ. Аразджытæ иттӕг хорз сæххæст кодтой ахуыргæнджыты курдиæттæ. Уый руаджы концертон залы акустикæ фæхуыздæр, фæзынд дзы музыкалон литературæйы кълæстæ, уыимæ сольфеджио æмæ вокалæй ахуыр кæнынæн уаттæ. Кълæсты фæзындзысты, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы музыкалон инструменттæ. Авналæнтæ кæй фæуæрæхдæр сты, уымæ гæсгæ ахуыр кæнынмæ исæн уыдзæн фылдæр сывæллæтты. Ныр сывæллæтты скъола фæнд кæны ног уӕлӕмхасӕн хайӕдтӕ байгом кӕнын. Зæгъæн ис, æмæ бындурон рацарæзт кæронмæ æрхæццæ. Баззад ма дзы лыстæг куыстытæ. Ахуыртæ хъуамæ райдайой 2022 азы райдиан. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv