Хетæгкаты Къостайы номыл центрон парчы уæллаг фарсы цадтæ ногæй донæй байдзаг кодтой
Хетæгкаты Къостайы номыл центрон парчы уæллаг фарсы цадтæ ногæй донæй байдзаг кодтой
Хетæгкаты Къостайы номыл центрон парчы уæллаг фарсы цадтæ ногæй донæй байдзаг кодтой. Уалдзæджы сæ 40 азмæ фыццаг хатт ссыгъдæг кодтой. Уыцы рæстæгмæ змис æмæ сыджытæй байдзаг сты, сæ былгæрæттæ ныккалдысты. Ныртæккæ кæрæттæ ногæй дурæй самадтой. Цадтæ донæй хъуамæ байдзаг кодтаиккой сæрды райдианы онг, фæлæ техникон аххосæгты тыххæй уый къухы нæ бафтыд. Горæты цæрджытæ æмæ уазджытæ ногдзинадæй разыйæ баззадысты. Парчы разамынд адæммæ сиды, цæмæй, улæфæн бынаты аивдзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй ма кæсой.