Дзæуджыхъæуы ивынц дондзæуæн хæтæлтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Дзæуджыхъæуы администрацийы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады комитеты фæрцы нæ горæты уынгты ныртæккæ цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Горæты кæцыдæр уынгты доны зæронд хæтæлтæ райдыдтой ивын. Уымæй размæ уыдон иу æмæ дыууæ хатты нæ бахъыгдæрдтой цæрджыты. Фæлæ æрæджы хъуыддаг хорзы 'рдæм аивта. Хъыбысты Харитон цæры Калинины уынджы. 20 азы дæргъы тыхсти доны хæтæлты уавæрæй. Арæх-иу стыдтой. Сæйраг аххосаг цæй мидæг уыд, уый чи сбæлвырд кодтаид, ахæм нæ уыд. Æрæджы хъуыддаг фæхуыздæр, зæгъы Хъыбысты Харитон. Ныртæкккæ цалцæггонд цæуы Леваневскæй æмæ Зоя Космодемьянскæйы 'хсæн цы фæндаджы хай ис, уый. Уым ныртæккæ куыстытæ сæ тæмæны сты. Доны хæтæлты кусджытæн ныртæккæ сæйрагдæр у, цæмæй адæм мауал тыхсой, уый. Æмæ æрмæст уыцы уынджы нæ ивынц доны хæтæлтæ. Æрæджы Дзæуджыхъæуы администрацийы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады комитеты фæрцы нæ горæты уынгты цалцæггæнинаг цы хæтæлтæ уыдысты, уыдон райдыдтой ивын. Ныртæккæ инæлар Хетæджы фырты номыл цы уынг ис, уым ивд æрцыд дондзæуæн хæтæлтæн сæ фылдæр хай. Доны ног хæтæлты дæргъ у 650 метры. Куыстытæ дзы цыдысты иу мæйæ фылдæр. Ныр 70 хæдзарæй фылдæрмæ кæлдзæн сыгъдæг дон, уыимæ æнæ къуылымпытæй. Куыстытыл æдæпæтæй бахардз кодтой 4 милуан соммæ ввахс. Уымæй размæ дзы цы доны хæтæлтæ уыд, уыдон нал бæззыдысты. Ныр доны хæтæлтæ дзуапп дæттынц æппæт нырыккон домæнтæн дæр. Къутæрты Аидæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы ивынц дондзæуæн хæтæлтæ

Категория:

Новости и СМИ