Футболон клуб «Спартак» сæйраг тренер Гæззаты Юрий йæ куыст ныууагъта
Дзæуджыхъæуккаг футболон клуб «Спартак»-ы сæйраг тренер Гæззаты Юрий йæ куыст ныууагъта. Уый тыххæй нын фехъусын кодта физкультурæ æмæ спорты министрады пресс-службæ. Тренер йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй йæ бынат уадзы хи аххосæгты тыххæй. Дарддæр кæм кусдзæн, уый нæ фæбæлвырд кодта. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Гæззаты Юрий Дзæуджыхъæуккаг «Спартак»-ы сæргъы æрлæууыд 2018-æм азы январы. Ныртæккæ ирон футболон клуб ахсы нæ бæстæйы хуссары дыккаг дивизионы 12-æм бынат. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Футболон клуб «Спартак» сæйраг тренер Гæззаты Юрий йæ куыст ныууагъта
Категория:
Новости и СМИ